Рет қаралды 604
2003-æм азæй фæстæмæ 15-æм майы Цæгатæй Хуссармæ фæбæрæг кæнæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы Бон. Баст у, Хетæгкаты Къостайы “Ирон фæндыр” 1899-æм азы 15-æм майы кæй федта рухс, уыимæ. Уый фæдыл нæ телекомпани сарæзта сæрмагонд эфир. Уазæгуаты нæм æрбацыдысты, мадæлон æвзагæн аргъ чи кæны æмæ йæ чи уарзы, уыдон. Не `взаджы бæрæгбоныл иумæ сæмбæлдыстæм!
_________________________
Мы рядом в:
irystontv
ok.ru/irystontv
/ irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv